Нино Гвенетадзе Бæрзонддæр Тæрхондоны сæрдары постæй йæхи уæгъд кæны
Бæрзонддæр тæрхондоны æмæ Гуырдзыстоны юстицийы бæрзонддæр советы сæрдар Нино Гвенетадзе, йæ пост уадзы. Нино Гвенетадзе, йæ куыстуæгъды æфсонæн æрхаста æнæниздзинады уавæр æмæ фæсарæнты дæргъвæтин хоскæнын.
Фидиуæны, кæцыйы НиноГвенетадзе хæлиу кæны, уый æрхаста юстицийы бæрзонддæр советы, Бæрзонддæр тæрхондоны æмæ æнæхъæнæй тæрхондæтты системæйы мадзæлтты афæлгæст, кæцы йæ къухдариуæгæй сæххæст 2015 азы 20 марты фæстæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнтыстыты сегасæй егъау хайбавæрд хауы минæварадтæм, æхсæнадæмон æмæ доннор организацитæм, кæцытæ активонæй æххуыс кодтой расттæрхоны системæйæн, реформæты алы этапыл. Уымæй уæлдай ма, фæстиуæгджын уыд æмгуыстад æнæхицауадон æмæ барты хъахъхъæнæг организацитимæ, расттæрхоны æрдæм æууæнк фæтыхджындæр кæныны цæстæнгасæй.
Нино Гвенетадзе бузныг дзуры йæ коллегæтæн фæстиуæгджын æмгуыстады тыххæй æмæ ныфс дары, цæмæй гуырдзиаг расттæрхоны системæ, цæсгомджынæй срæвдз кæндзæн адæймаджы барты хъахъхъæдыд, намысджынæй службæ кæнæт закъоны уæлдæрдзинадæн æмæ рæстдзинад æрфидар кæнынæн.