Никос Анастасиадис - Гуырдзыстон æмæ Кипры экономикон ахастытæ афæстиат сты политикъон æмæ культурон ахастытæй
Бизнес-форум тынг хорз фадат у, гуырдзиаг æмæ кипраг амалиуæгдæрттæ кæрæдзийæн сæ фадæттæ базонын кæной, – уый тыххæй Тбилисы цæугæ Гуырдзыстон-Кипры бизнес-форумыл Кипры Республикæйы президент Никос Анастасиадис райхъусын кодта.
Уый Гуырдызстон-Кипры дыууæфарсон ахастытыл дæр фæныхас кодта.
«Мæнæн стыр кад у, уон бизнесы зылдты минæвæртты форумыл. Ай у фадат компанитæ кæрæдзийæн базонын кæной идеятæ фидæн къахдзæфты фæдыл, кæцы æнæмæнгхъæугæ у дыууæ бæстæйы æхсæн базарады, экономикæйы æмæ партнерады рапарахат кæнынæн. Гуырдзыстон æмæ Кипрæн историкъонæй, политикъонæй, религионæй, культуронæй стыр бастдзинад ис. Ацы ахастытæ азты æмæ æнусты дæргъы фидар кодтой. Ныфс мæ ис фæнысангонд цæдистæ ноджы фæарфдæр уыдзысты», – райхъусын кодта Никос Анастасиадис.
Фæнысангонд контексты Кипры президент Гуырдзыстонмæ йæ фыцццаг визит схуытта историкъонæй.
«Мæ визит, дыууæ бæстæйы æсхæн историон, политикъон, культурон, экономикъон бастдзинады бындур уыдзæн. Нæ ахастытæ хъуамæ фæтынгдæр уа, фæлæ ацы рæстæджы хъуамæ фæхуыздæр уа сæ гъæдæй дæр», – райхъусын кодта президент æмæ Гуырдзыстон æмæ Кипры æхсæн знон къухæвæрд меморандумтæ бахахх кодта, кæцы æндæр æмæ æндæр сферæйы æмкуысткæнынад дары йæ хъуыдыйы.
Йæ аргълæвæрдæй, Гуырдзыстон æмæ Кипры экономикон ахастытæ бæстæты æхсæн политикъон æмæ культурон ахастыты динамикæйæ цъус афæстиат сты.
«Нæ экономикон ахастытæ афæстиат сты политикъон, культурон , адæмты æхсæн уæвæг ахастытæй, уый тыххæй дæр ахæм равгы фембæлдтæ экономикъон райтынгы фадат дæттынц. Не хсæн уæвæг историон ахастытæ размæ цæуынц æмæ мæ визитæн дæр раст уый уыд йæ нысан», – райхъусын кодта Никос Анастасиадис.
Кипры Республикæйы президенты Никос Анастасиадисы Гуырдзыстонмæ официалон визиты фæлгæтты, Тбилисы Гуырдзыстон-Кипры бизнес-форум цæуы. Бизнес-форумы дыууæдæр бæстæйы 120-æй фылдæр компани исынц хайад.