Николоз Самхарадзе – райгондæй райсæм украинаг хицауады æрдыгæй арæзт къахдзæфтæ; нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиаг-украинаг æмахастытæ нормалон уавæрмæ æрыздæхой
«Мах хорзыл нымайæм уыцы къахдзæфтæ, кæцытæ Украинайы хицауад сарæзта æмахастыты нормализацийы нысанæн» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты æттаг ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у Украинæимæ хæларадон, партнерон æмæ стратегион ахастытæ саразынмæ.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинæйы æхсæн ахастытæ æрыздæхой нормалонмæ. Мах æнæрлæугæйæ æххуыс кодтам Украинæйæн, йæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ хæдбардзинадæн. Иу момент дæр нæ фæивтам нæ политикæ Украинæйы æрдæм. Уый тыххæй дæр æхсызгонæй райсæм къахдзæфтæ, кæцытæ сарæзтой Украинæйы хицауад æмахастыты нормализацийы тыххæй. мах дæр æхсызгонæй райсæм ахæм цæттæдзинад», -расидтис Николоз Самхарадзе.
Бæрæггæнæнæн: 26 майы Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Андрей Сыбиха социалон хызæгты ныффыста, цæмæй стыр аргъ кæны Швейцарийы ОБСЕ-йы сæрдариуæгады æмæ Гуырдзыстоны æдасдзинады æмгуыстады форумы сæрдарады тагъд дзуаппæн Венæйы сæрмагонд фембæлд æрсидтæн. «Æз бузныг дæн мæ швейцариаг æмæ гуырдзиаг коллегæтæн, Игнацио Кассис æмæ Мака Бочоришвилийæн сæ къухдариуæгады тыххæй, афтæ дæр алы бæстæйæн, кæцытæ абон ирдæй рахæцыдысты ИНО-йы харти æмæ Хельсинкийы принципты фарс» – фыссы Андрей Сыбига.
Уымæй дарддæр ма, Украинæйы президент Владимир Зеленский Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæмæн хæдбардзинады бон раарфæ кодта. “Мæ зæрдæ зæгъы Гуырдзыстонæн сабырдзинад. Ныфс нæ дарæм кæрæдзийæн пайдайаг ахастытыл. Украинæ цæттæ у ацы æрдæм ацæуынмæ”, – ныффыста Зеленский социалон хызæгты.
Сыбига Андрий афтæ дæр раарфæ кодта йæ гуырдзиаг коллегæ Мака Бочоришвилийæн Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны цытæн. «Мах зæрдиагæй аргъ кæнæм Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинадæн Украинæйæн æмæ украинаг инициативæтæн æппæтдунеон организациты фæлгæтты æмæ ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм нæ кад уыцы мингай этникон гуырдзиæгтæн æмæ гуырдзиаг æмбæстæгтæн, кæцытæ украинæгтимæ уæхскæй-уæхскмæ, хæцæнгæрзтæ хæсгæйæ хъахъхъæнынц Украинæйы хæдбардзинад æмæ нæ иумæйаг æдасдзинад», – банысан кодта фыстæджы Сыбига.