Николоз Самхарадзе фембæлд Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыдтæгты министр, Джейхун Байрамовимæ
Парламенты æдтаг ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе Азербайджаны республикæйы æдтаг хъуыдтæгты министр Джейхун Байрамовимæ фембæлд.
Министримæ фембæлды хайад райстой Азербайджаны Республикæйы Милли Меджлисы æдтаг ахастыты комитетты æмæ Турчы Республикæйы Стыр Националон Æмбырды сæрдартæ, афтæ дæр æртæ бæстæйы – Гуырдзыстон, Турк æмæ Азербайджаны делегациты уæнгтæ.
Фембæлдыл ноджы иу хатт бахахх кодтой Гуырдзыстон-Турк-Азербайджаны æдтаг ахастыты комитетты æртæфарсон форматы стыр нысаниуæг бæстæты æхсæн стратегион партнерады ноджы фæарфдæр кæныны процессы.
Фарсытæ Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Туркы æхсæн уæвæг ахастытыл æмæ стратегион, се æхсæн нефты хæтæл, газуадзæн æмæ æфсæнвæндаджы проекттыл фæныхас кодтой.
Ныхасы сæйраг темæтæй иу уыд ног æмæ геополитикон æгъдауæй ахсджиаг проекттæ, кæцытæ хъуамæ баиу кæной Астæуккаг Ази æмæ Европæ Хуссар Кавказы уылты.
Азербайджаны республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джейхун Байрамов ирон-азербайджайнаг сабырадон процесс æмæ æнхъарæнты фæдыл фæныхас кодта.
Фембæлды рæстæджы фæныхас кодтой Гуырдзыстоны оккупацигонд регионты уæвæг уавæрыл, æркастысты Æввахс Скæсæны цæугæ цаутыл, се æхсæн Ираны алыварс рæзгæ процесстæ æмæ Сирийы уавæр.
Бакуйы официалон визитæй ис æдтаг ахастыты парламентон комитеты делегаци, кæцыйы къухдариуæг кæны комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе.
Делегацийы сконды сты: æдтаг ахастыты комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Шатакишвили Ираклий, æдтаг ахастыты комитеты уæнг æмæ регионалон политикæ æмæ хиуынаффæйады комитеты сæрдар Кадагишвили Ираклий æмæ æдтаг ахастыты комитеты уæнг Давит Долидзе.