Николоз Чхетиани -Бидзина Иванишвилийы бинонты æскъуыддзагæй, Кутаисы æппæтдуноен университет проектæн уыдзæн миллиард евро хицæнгонд
Николоз Чхетиани -Бидзина Иванишвилийы бинонты æскъуыддзагæй, Кутаисы æппæтдунеон университет проектæн уыдзæн миллиард евро хицæнгонд
Фыццаг хатт Гуырдызстоны хæдбардзинады сногы фæстæ уыдзæн прецедент – бындурæвæрд æрцыд гуырдзийаг паддзахадон университет. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у историон цау,- уый фæдыл Кутаисы æппæтдунеон университеты бындурæвæрæг, фонд «Картуйы» сæрдар Николоз Чхетиани расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æнæксгæ уымæ, цæмæй фонд «Карту» Гуырдзыстоны алкæмæй стыр хорзæхгæнæг организаци у, кæцы 1995-æм азæй æнæхъæнæй 3 миллиард доларæй фылдæр аргы проект у реализгонд, Кутаисы æппæтдунеон университеты мегапроект алкæмæй ставд у фонды проектты æхсæн.
Амадон фæзыуаты бæрц у 153 гектар, кæцыйæ 80 гекатр массив у. Нæ университеты бæстыхай уыдзæн иуæй иу алкæмæй цъæх дунейы университеты æхсæн. Ацы рæстæгмæ цæуы ныхас æрмæст 170 мин квадратон метрыл амадыл .
Кутаисы æппæтдунеон университеты модель арæзт у Мюнхены техникон университетимæ æввахсæмкуыстдзинадæй. Университет нырыгкон технологитæй æмæ инфраструкутрайæ у ифтонгонд. Ахуырадон тыгъдад , кæцы гуырдзийаг æмæ фæсарæйнаг студенттæн уæллаг ахууырад ратдзæн, кусдзысты гуырдзийаг æмæ фæсарæйнаг академон персонал.
Мадзалы парти «Гуырдзийаг бæллицы» сæрдар Бидзинад Иванишвили, Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили, парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе æмæ академион сферайы бæрнонтæ истой хайад.