Николя Саркози коррупцийы  аххосагæй, тæрхонмæ лæвæрд æрцæудзæн
Николя Саркози коррупцийы аххосагæй, тæрхонмæ лæвæрд æрцæудзæн

Францы  раздæры  президент Николя Саркози,  тæрхоны  раз  ралæудзæн.   Коррупцийы  хъуыддагыл   йæ   тæрхоны процесс,  2020 азы   5  октябры райдайдзæн.

64  аздзыд  политикъы  æмæ  йæ    адвокаты  коррупцийы   æмæ  сусæг  тæрхонон   информаци  амал кæныны   нысанæй,  хъомыс дарыны  аххосджын кæнынц.

Николя  Саркози   Францы президенты  бынатыл  уыд  2007-2012  азты.  Ныр йæ  ныхмæ   цалдæр   фæдагуырд   цæуы.  Николя Саркозийы  ныхмæ   цæугæ  хъуыддæгты æхсæн   ис  2012  азы   æвзарæнон кампанийы   æнæзакъонон   финансдзинад дæр.     Фæдагуырды  информацийæ,   уый  кампанийы  рæстæджы   бæлвырд лимитæй   дыууæхаттонæй   фылдæр суммæ бахардз кодта. Фæнысангонд   хъуыддаджы   фæлгæтты   раздæры  президентмæ æртхъирæн  кæны   ивар æмæ   иу  афæдзы  онг  æмгъуыдмæ ахстæй æфхæрд.

Ноджы иу аххосаг  2007 азы   æвзарæнон   кампанимæ æххæссы. Фæнысангонд  цауы, Саркози зæрдæхсайд у   Ливийы  раздæры  лидерæй, Муамар Каддафийæ  æнæзакъонон финансдзинад райсты.