Никол Пашинян – Политикон æгъдауæй цæттæ стæм æфсæнвæндагон транзит сифтонг кæнын Турк æмæ Нахичеваны автономон республикæйы æхсæн, афтæ дæр Турк æмæ Азербайджаны сæйраг хайы æхсæн
Никол Пашинян – Политикон æгъдауæй цæттæ стæм æфсæнвæндагон транзит сифтонг кæнын Турк æмæ Нахичеваны автономон республикæйы æхсæн, афтæ дæр Турк æмæ Азербайджаны сæйраг хайы æхсæн

Политикон æгъдауæй мах цæттæ стæм æфсæнвæндагон транзит сифтонг кæнæм Турк æмæ Нахичеваны автономон республикæйы æхсæн, афтæ дæр Турк æмæ Азербайджаны сæйраг хайы æхсæн – уый фæдыл Сомихы премьер-министр Никол Пашинян Тбилисы уагъдцæуæг «Зæлдаг фæндагы» форумыл расидтис.

Сомихы хицауады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы фадгуытыл æфсæнвæндаг хъæуы цалцæг кæнæ реконструкци, æмæ техникон проблемæтæ лыггонд æрцæудзысты дыууæ-æртæ азы фæстæ.

«Æввахс рæстæджы хæтæлтæ æмæ Азербайджан-Сомих-Турчы электрохаххытæ ацæудзысты Сомихыстоны территорийыл.Афтæ дæр уыдзæн ифтонггонд æфсæнвæндагон æмæ автомобилон бастдзинæдтæ.Алцыппæт уый цæуы TRIPP (Трампы фæндагон картæ æхсæнадæмон сабырад æмæ дидинæфтыд) программæйы фæлгæтты.Мах афтæдæр уадзæм æмбæлон бадзырдтæ Туркимæ æмæ Азербайджанимæ. афтæдæр кусынц АИШ-имæ ацы бадзырдты сыххæстæн», -расидтис Никол Пашинян.