Николь Пашинян Мамука Бахтадзейæн арфæ кæны æмæ йæ Сомихмæ хоны
Николь Пашинян Мамука Бахтадзейæн арфæ кæны æмæ йæ Сомихмæ хоны

Николь Пашинян Мамука Бахтадзейæн арфæ кæны æмæ йæ Сомихмæ хоны

Сомихы премьер-министр Мамука Бахтадзейæн арфæ кæны æмæ йæ Сомихмæ хоны. Уый фæдыл ис фыст Сомихы премьеры офицциалон веб-фарсыл парахатгонд расидæны.

«Арфæ кæнын Гуырдызстоны премьер-министрæн постыл снысан. Æнусты дæргъы нæ нацитæ алы хатт уыдысты æрдхорд æмæ æфсымæртæ. Абон та даргъ кæнынц сæ размæцыд дыууæ паддзахад æмæ адæмы æхсæн уæвæг æммахастыты.

Гуырдзыстонмæ мæ визиты рæстæджы, ноджы иу хатт бамбæрстон, цæмæй сомихаг-гуырдзийаг æммахастытытæн стыр потенциал ис.

Хонын уæ Сомихмæ. Уырны мæ ацы визит ног импульс ратцæн нæ бæстæты æмкустдзинад, æммахастытæн æндæр æмæ æндæр сфераты» – ис фыст Сомихы премьер-министры раисдæны.