«Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайы хъуыддагыл тæрхоны процесс Тбилисы горæты тæрхондоны абон 16:00 сахатыл ацæудзæн.
Хъуыддагы кæсдзæн тæрхонгæнæг Нино Чахнашвили.
Генералон прокуратурæ Ника Мелиайы хъуыддагыл, горæты тæрхондонмæ знон бахаста хъаст.
Прокуратурæ тæрхондонмæ бахъаст кодта, знон «Националон Змæлды» смæрдар Ника Мелиайæн, депутатон иммунитет æруромыны куырдиатимæ парламент куы сразы ис уый фæстæ.
Къордон тыхмидзинадæн разамынды æмæ уым хайад райсыны тыххæй «тугтæрхоны барадмæ гæсгæ дзуаппæ лæвæрд Ника Мелиайæн Тбилисы горæты тæрхондон 2019 азы 27 июны æфхæрды хуызæй стæрхон кодта 30 000 ларийы бæрц ивар бафидын æмæ ма уæлæмхасæй арæнгæнæг мадзæлттæ, сæ нымæцы бафтыдтой йыл электронон мониторинггæнæг цонгдарæн.
Фæлæ 2020 азы фыццаг ноябры, æхсæнадон æмбырды ран, æхсæнадон фидиуæнтæ аразыны рæстæджы Ника Мелиа электронон мониторингæ хъæугæ цонгдарæн рафтда.
Уый фæстæ проукратурæ æфсхæрды мадзал фæкарз кæнын æркуырдта. Тæрхондоны 2020 азы 3 ноябры уынаффæйæ, Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалæй тæрхонгонд цъындыйы суммæ 40 000 ларийæ сырæзт. Бафидынæн Мелиайæн раттой 50 бонон æмгъуыд.
Цъындыйы аууæлтты нæсыххæсты фæстиуджыты фæдыл, рагфæдзæхсты нысанæн Ника Мелиамæ 2021 азы 5 февралы фæсидтысты генералон прокуратурæмæ, фæлæ уый нæ бацыдис.
Уыцы бон прокуратурæ Ника Мелиайæн цъындыйы домæнтæ сыххæст кæнынæн, уæлæмхасæй иу къуырион æмгъуыд ратта. Уагдоны хъусинагæй нæбафысты цауы, прокуратурæ тæрхондонмæ йæ æрцахсыны тыххæй куырдиат бавдисдзæн. Мелиайæн, цъындыйы баззайгæ суммæ бафидынæн æмгъуыд аивгъуыдис 12 февралы.Генералон прокуратурæ Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалæй ахсты снысан кæныны фæдыл парламентмæ раст уыцы бон баздæхтис. «Иугонд Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа банысан кодта, цæмæй цъынды бафидын нæ хъавы.