Ника Мелиайы æссæрибары ивары бæрц 70 000 ларийы онг сырæзт
Тбилисы горæтон тæрхондон «Националон змæлды» уæнг Ника Мелиайы ахсты фæкарзы фарстайыл фæуынаффæ кодта.
Тæрхондон прокуратурайы æхсæнлæуыд сраæгонд кодта иу хайы æмæ Ника Мелиайæн ивары бæрц 100 000 нæ фæлæ 70 000 снысан кодта. Тæрхонгæнджытæ бæлвырд кæнынц, цæмæй снысангонд ивары ис раздæры ивар дæр 30 000 лари, кæцы ивгъуыд аз снысан кодта.
Генералон прокуратурæ Ника Мелиайæн аххосаг 2019-æм азы 20-æм июны рæстæджы тыхмийы организацийы къухдариуæгдзинадæн æмæ уым хайадисты фактыл снысагн кодта.
Мелиайæн 2019 æм азы 27 июны аххосагы хуызæй ивар 30 мин лари снысан ис.
Генералон прокуратурæ уымæн аххосаг 2019-æм азы 20-æм июны къордон тыхмийы организацийы къухдариуæгдзинадæн æмæ уым хайадистæн снысан ис.