Ника Мелиа – никæцы оппозиционерæн хъуамæ æмæ нæй гæнæн бацæуа парламентмæ, уымæ гæсгæ адæмæн хъæуы фидар документ, уырдæм бацæудзыстæм æви нæ
Никæцы оппозиционерæн хъуамæ æмæ нæй гæнæн бацæуа парламентмæ, уымæ гæсгæ адæмæн хъæуы фидар документ, уырдæм бацæудзыстæм æви нæ, – уый фæдыл ивæндзинæдты коалицийы лидер Ника Мелиа расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, оппозиционер, кæцы мандат рамбылдта, парламентмæ ма хъуамæ бацæуа, кæцы адæмы интерес нæ æвдисы.
«Ацы парламентæн нæй гæнæн уа Гуырдзыстоны парламент æмæ уырдæм ничи хъуамæ æмæ ма хъуамæ бацæуа фальсификацигонд æвзæрстыты мандат чи рамбылдта, уыцы оппозиционер дæр. Уый у ахсджиагдæр, ахсджиагæй. Ацы парламентмæ хъуамæ мачи бацæуа, кæцы адæмы интерестæ нæ æвдисы. Бирæ ныхас цæуы æндæр æмæ æндæр фарстатыл, фæлæ гуырдзиаг адæмæн сæ зæрдæмæ цæуы конкретондзинад. Гуырдзиаг адæмы раз, æндæр æмæ æндæр архайдтыты тыххæй, гæнæн ис æмæ нæ сеппæтæй хуыздæр формæйæ нæ равдисæм, уымæ гæсгæ адæмæн хъæуы фидар документ, уырдæм бацæуæм æви нæ. Конкретон бон куы æрцæуа, уæд нæ уырны, цæмæй иууылдæр иумæ слæудзыстæм æмæ иумæ зæгъдзыстæм гуырдзиаг адæмимæ иумæ, ничи бацæудзæн уыцы парламентмæ, кæцыйы махæн ницы хъуыддаг ис. Ам, уый махæн нысаниуæгджын у тагъд рæстæджы, æввахс къуыритæм æмæ уый хъуамæ æххæст кæнæм», - расидтис Мелиа.