Ника Мелиа æмæ Ника Гварамиа  «Ахали»-ы  баиу сты – нæ иуæй-иу символ у  Урс, кæцы  сыгхдæгдзинады æмæ æнæбалхæнгæдзинады хуыз у
Ника Мелиа æмæ Ника Гварамиа «Ахали»-ы баиу сты – нæ иуæй-иу символ у Урс, кæцы сыгхдæгдзинады æмæ æнæбалхæнгæдзинады хуыз у

Ника Мелиа æмæ Ника Гварамиа   парти «Ахали»-ы баиу кæныны фæдыл абон официалонæй райхъусын кодтой.

Ника Гварамиа  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   партийы минæвæрттæ  зонынц  куыд  хъæуы  расидтытæн бахъом уын.

«Нæ парти у «Ахали» (Ног), мах стæм иумæ, иумæ тох кæнæм Гуырдзыстоны   ног  фæндæгтæй  ивддзинæдтæн.  Мах фæивдзыстæм, уымæн æмæ  зонæм  куы хъæуы  тох кæнын, зонæм, цы аргъ ис  æнæбалхæнгæдзинадæн, фыдыбæстæйæн лæккад  кæнын, зонæм куыд бафæразæм  зындзинæдтæм æмæ куыд  бахъом уæм расидтытæн, мах фæивдыстæм, афтæдæр зонæм, куыд хъæуы  фæткдæттын. Нæ  хуыз у  кæрдæггъуыз, уый у ног райдайæны хуыз, нæ  хуыз у  оранжхуыз, уый у æнæбайсысгæ энергийы, размæцыды æмæ ныфс хуыз.  Хъуыды кæнæм  уыдон сты  нæ сæйраг аргъдзинæдтæ, урс хуызимæ иумæ, кæцы у  сыгъдæгдзинады æмæ амондджындзинады  хуыз, нæ хъуыдымæ гæсгæ размæ  рацæудзыстæм. Адон сты  нæ символтæ, нæ  фат.  Уый  нысан  размæ цырд змæлд   ацы паузæгонд бæстæйы.  Уый у сæйраг  куырдиат,  мах цæудзыстæм æрмæстдæр размæ æмæ нæ  сараздзыстæм фæстæмæ иунæг къæхдзæф дæр.   Фыццаджы дæр хъуамæ фæтых уæм  нæхи  амбициты æмæ æрмæстдæр баиу кæныны  фæстæ  бауыдзæн нæ бон Бидзина Иванившилийы   басæттын.  Лготип дæр дзæбæх æвдисы  нæ  иугонды, гармонион  æмæ синхронон архайд.  Иуæй-иу сæйраг, кæцы  нын ис, у номыр «4», кæцы  суыдзæн ног   символ, уæлахмздзинады ног номыр» – райхъусын кодта Гварамиа.

Ацы рæстæгмæ уæвæг информацийæ, партийы  баиу сты: Нино Квитаишвили, Дареджан  Цхвитариа, Ана Гоголадзе, Нодар Чачанидзе, майя Коплеишвили, Димитри Бидзинашвили, Гиорги Къиртадзе, Мирдат Камададзе, Гедеван Попхадзе æмæ æндæртæ.