Ника Гварамиа -  Путинист сæндуцджыты мæ нæ уырны
Ника Гварамиа - Путинист сæндуцджыты мæ нæ уырны

«Рустави2»-ы  генералон  директор Ника Гварамиа гурджаанаг  æмæ телавæгты  проетстæн дзуапп  дæтты  социалон хазыг,  кæцытæ  абон   Гомборы  фæзилæны цур акци  сарызтой æмæ   «Рустави 2»-ы  бæстыхайы  цур бацæуын хъавынц.

«Фæцæфуынц  хицауадон сæндуцджытæ   Р2-ы  размæ протест кæнынмæ!  Браво  гуырдзиаг уд хъахъъхæнджытæ, Бидзинайæн службæ кæныны ма  амæлут фырлæггадæй  æрмæст!

Æмæ сæйраг: сын æмæ уын алы  продуктылд ныммизон сымах алкæмæн, чидæриддæр Уæрæсейы  базарыл  уæ  сæрмагонд пайдайы тххæй, бæстæйы интерестæ уæйгæнæг режимæн хæцут йæ фарс æмæ  Путины дзæбæхдзинадыл кувджытæ стут!  Афтæм æмæ  ноджы иу мин хатт афтæ!  Путинист сæндуцджыты мæ нæ уырны! – фыссы Ника Гварамиа «Фейсбукы».

Телавы  æмæ Гурджааны   цæрджытæ  Гомборы  фæзилæны  цур  сты  æмбырд. Уыдон  акци уадзынц  æмæ «Рустави2»-ы  генералон  директоры, Ника Гварамиайы  æрдгæй  эфиры  сæны тыххæй  дзырдтæ протест кæнынц.Акцийыл фылдæр сæндæтты дарджытæ  сты.   Сæ ныхæстæм гæсгæ, Гварамиа зæгхгæ  бафхæрдта   Къахет æмæ гуырдзиаг сæн.

Акцийы  хайадисджытæ,   цалдæр минутæй  фæндаг дæр æрыхгæдтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ уыдон «Рустави2»-ы  бæстыхайы  цурмæ бацæуын хъавынц.