Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Нидерландтæ Гуырдзыстонимæ æнæвизæйон режимы æрурæд æркуырдзысты

19:24, 05.12.2024
Den Haag, juni 2024
Caspar Veldkamp, minister van Buitenlandse Zaken

Den Haag, juni 2024 Caspar Veldkamp, minister van Buitenlandse Zaken

Нидерландтæ Евроцæдисæй домынц, цæмæй Гуырдзыстонмæ æнæвизæйон змæлд фæуромой. Уый фæдыл Нидерландты æттаг хъуыдтæгты министр, Аспар Вельдкамп расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Нидерландтæ Гуырдзыстонимæ æнæвизæйон режимы æрурæд официалон æгъдауæй æркуырдзысты, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад бамбара, цæмæй «цы фæндагыл ацыд, уымæн ис йæхи аргъ».

Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министры расидæнмæ гæсгæ, уый афтæ дæр бахатдзæн ОБСЕ-мæ, «Гуырдзыстоны хицауады архæйдты фæдыл фæдагуырд райдайа».

Хуыздæр