Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр – фæнды нæ Гуырдзыстоны цæрджытæн фидæны европæйаг фæндаг фенæм, бирæ гуырдзиæгтæ уый фæнды, кæцыимæ æз æххæстæй разы дæн
Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр – фæнды нæ Гуырдзыстоны цæрджытæн фидæны европæйаг фæндаг фенæм, бирæ гуырдзиæгтæ уый фæнды, кæцыимæ æз æххæстæй разы дæн

Æз нæ зонын, цавæр уынаффæ райсдзыстæм абон Гуырдзыстоны фæдыл. Развæлгъау мæ бон нæу зæгъын цæуыл уыдзæн уынаффæ – уый фæдыл Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды размæ расидтис Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр Каспар Вельдкамп.

Каспар Вельдкампы ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстыты тыххæй тынг нысаниуæгджын у OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн хыгъдлæвæрд.

«Мах æнхъæлмæ кæсæм OSCE æмæ ODIHR-ы кæронбæттæн хыгъдлæвæрдмæ дæр, кæцы тынг нысаниуæгджын у. Уыдзæн нæм реалон ныхас. Афтæ зæгъæм – мах фæнды Гуырдзыстоны цæрджытæн фидæны европæйаг фæндаг фенын, бирæ гуырдзиæгтæ, се æхсæн æз кæй зонын, фæнды европон фæндаг æмæ æз æххæстæй йæ фарсыл хæцын», -расидтис Каспар Вельдкамп.