Гуырдзыстон – Европæйы ног культурон хаб – ахæм сæргондæй статийы публикаци кæны америкаг рауагъдад «Ньюсвик». Публикацийы автор хъуыды кæны, цæмæй зæгъгæ 2019 азы фæлтæрд бæлццонтæн Гуырдзыстон уыдзæн иуæй-иу сеппæтæй зæрдæмæдзæугæ маршрутæй.
«Тбилис æмæ Батумимæ иумæ, бæлццæтты хъусдард йæхимæ æнæмæнгæй балвасдзæн Цъинандали, кæцыйы рагæй фæстæмæ нымадтой сæны культурæй фыдыбæстæйæ», – фыссы «Ньюсвик».
«Гуырдзыстон у иунæг бæстæ, цы ран 8000 азы размæ бакуыст сæндуцынады методтæй пайда кæнынц абон дæр æмæ бирæ компоненттæй ис зæгъæн, цæмæй нæ бон у а дунейы сеппæтыл хуыздæрыл банымайæм», – хъусын кæны рауагъдадимæ ныхасы рæстæджы, этнолог Эндрю Джефорд.
Статийы мидæг банысангонд у, цæмæй 70 километры дæрццæг у Цъинандали, цъус рæстæгмæ уыййас нысаниуæгджын уыдзæн Гуырдзыстонæн, куыд Испанийæн у Бильбао.
«Аивады тыххæй Бильбай цы саразын бахъом ис, уый классикон музыкæйæн сараздзæн Цъинандали уыцы культурон фестивалæй, кæцы 2019 азы сентябры у плангонд», – дзырдæуы статийы.
Фæлæ автор куыд банысан кодта, афтæмæй, Гуырдзыстонмæ балц кæнын æнæмæнгæ Тбилисæй хъуамæ райдайат зæгъгæ.
«Тбилис нырид рагæй фестад хипстерты иугæнæг бынатæй. Мах 2000 азты гуырд адæймагæты кой нæ кæнæм, фæлæ 1995 азы фæстæ чи райгуырд, уыцы бæлццæттыл дзурæм. Сæ зæрдæмæ цæуынц къуындæг уынгтæ, астæузаманы аргъуантæ æмæ истори, кæцы ам алкуырандæр рахатыс. Сæ зæрдæмæ цæуы, цæмæй Тбилис нырма нæ байдзаг туристтæй. Уыдон ахзæрынц сихор кафеты æмæ æхсæвыгомау мадзæлттæ аразынц, кæцы рæстæджы æнæмæнгæ аназынц “чъачъа” – дзырдæуы статийы.
Публикацийы автор туристтæн амоны, Верейыл уæвæг фысымуат «Стамбайыл» æмæ Нарихъалайы фидарыл цæст ахæссын.
«Уый фæстæ уæхи дарут, тбилисæгтæ куыд раынц сæхи афтæ – фæуазæг ут уыцы номдзыд сондоны абанæтæй сæ иумæ, кæцы Гришашвилийы уынгыл ис», – фыссы «Ньюсвик».
Публикацийы куыд у банысангонд, афтæмæй, уый фæстæ зæгъгæ бæлццæттæ хъуамæ араст уой Цъинандалимæ, кæцыйы номдзыд францаг фыссæг Александр Дюма, схуыдта «Дзæнæты бæласдонæй».
«Цъинандали, иуæндæсæм æнусæй уыдис Европæйы сæйраг культурон центр, æрмæст æлдар Александре Чъавчъавадзе йæ хæдзары, æнудæсæм æнусы гуырдзиаг культурæйы центрæй фестын кодта. Дисы ма бахаут, кæд æмæ ИНО Цъинандалы банымайдзæн культурæйы бындарады цыртæй», – дзырдæуы статийы.