Немыцаг ныллæгбюджетон авиакомпани Eurowings æрбахызт Гуырдзыстоны авиабазармæ
Немыцаг ныллæгбюджетон авиакомпани «Eurowings» æрбахызт Гуырдзыстоны базармæ. Авиакомпани, кæцыæн йæ базæ у Дюссельдорфы аэропорты, Тбилис ыæрдæмадæй фыццаг комкоммæ рейс сыххæст кодта. Хæдтæхæг Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты 13:40 минутыл æрбадтис.
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты ацыд размæ рацыды официалон церемони. Уым хайад истой экономикæйы министр Натиа Турнава, министры хæдивæг Мариам Квривишвили, аэропортты иугонды директор Тамар Арчуадзе. Афтæма мадзалыл уыдысты Германийы минæвар Хуберт Книрш, Люфтханза къорды регионалон менеджер Рекне Коинцак, «Eurowings»-ы авиацион бизнесрæзынады менелджер Иван Орек, Там Джорджиайы генералон менеджер Тея Закарадзе.
Eurowings, Дюссельдорф æмæ Тбилисы æхсæн абонæй фæстæмæ, рейстæ æххæст кæндзæн къуырийы мидæг дыууæ хаттон арæхадæй. Тахтытæ алы æртыццæг æмæ хуыцаубоны AIRBUS A320-ы типы хæдтæхæгæй сыххæст уыдзæн.