Наудзогты профцæдисты сæрдар – Габоны дæттæй наудзогты скъæфджытæ контактмæ нырма нæ рацыдысты
Наудзогты проффцæдисы сæрдары Анатоли Чиджавадзейы фидиуæнæй, Габоны текрриторион дæтты лæууæг науæй скъфт наудзогты уацарæй ссæрибар кæнынæн процессы активон баст сты Хуссар Африкæйы Гуырдзыстоны консул, фæсарæн хъуыддæгты министрад æмæ америкаг наударæг компани.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæнырма бæрæг нæу чи сты скъæфджытæ.
«Нырма нæу бæрæг чи сты скъæфджытæ, нæдæр контактмæ рацыдысты æмæ нæдæр исты æркуырдтæ бавдыстой. Скъæфт у капитан, Уæрæсейы æмбæстаг æмæ фыццаг æмæ дыккаг æххуысгæнджытæ. Уыдонæй сæ иу у батумаг, иннæ -кутаисаг. Процессы активон баст сты Хуссар Африкæйы Гуырдзыстоны консул æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрад, афтæма америкаг наударæг компани. Науы баззайгæты тыххæй куы зæгъæм, кæд экипажы сконд у 14 адæмагæй, уыдонмæ ницы тас æртхъирæн кæны» – райхъусын кодта Анатоли Чиджавадзе.