Нау «Пантеленæйы» гуырдзиаг капитан, ныхас кæны фарастбонон уацары фæдыл
Панамæйы тырысайы бын ленкæнæг нау «Пантеленæйы» гуырдзиаг капитан, Лаша Гадилиа Фыццаг Къаналимæ ныхас кæны фарастбонон уацары фæдыл.
Телефонон ныхасы куыд загъта афтæмæй, 13 августы æхсæв, 23:30 сахатмæ æввахс, нау йе ххуысгæнæг куы скъæрдта уæд сæм гарзджын пираттæ бабырстой, æхсæнгарзæй æртъхъирæнæй сæ тыхбын бакодтой каютæйы дуар байгом кæнын цæй фæстæ дæр нау кæронмæ бацахстой.
Лаша Гадилиа куыд дзуры афтæмæй, бырсджытæ алы наудзогы иу уаты сæхкæдтой, цы ран сæм фараст боны дæргъы ницы информаци дæттой.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бырсджытæ уацайрæгты физикъонæй нæ бафхæрдтой æмæ периодонæй сын дон æмæ хæринаг дæр дæттой.
Бырсджытæ уацайрæгтæм англисагау дзырттой, æрмæст крæдзийы æхсæн ныхас кодтой бынæттон диалектыл, цæй тыххæй дæр наудзогтæ дзурынц цæмæй бырсджыты æркуырдтæ уыдон не мбæрстой зæгъгæ.
Дæсæм бон нау «Пантеленайы» наудзогты ссæрибар кодтой, фæлæ детæлтты кой нæ кæнынц, цæй бæсты сæ ссæрибар кодтой бырсджытæ.
Лаша Гадилиайы ныхæстæм гæсгæ, ацы рæстæгмæ, уыдон Конгойы сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц науы бардарæг компанийы минæвæрттимæ фембæлдмæ.
17-дæр наудзог ныридæгæн фæдзырттой сæ бинонтæм æмæ сæ ныхæстæм гæсгæ, сæхи дзæбæх хатынц.