НАТО-ы парламентон ассамблейы   уæнгтæ  Гуырдзыстоны   цæгат-атлантикон  альянсы  интеграцийæн  схъæлæс кодтой
НАТО-ы парламентон ассамблейы уæнгтæ Гуырдзыстоны цæгат-атлантикон альянсы интеграцийæн схъæлæс кодтой

НАТО-ы парламентон ассамблейы   уæнгтæ  хатдзæгон  декларацийы  Гуырдзыстоны   цæгат-атлантикон  альянсы  интеграцийæн  схъхæлæс кодтой.

Документы, кæцыйы  депутаттæ  Варшавайы  уагъд   уалдзæгон  сессийы   кæрон  райстой,   афтæдæр   фиксиргонд у Гуырдзыстоны территорион  æнæхъæндзинады   æмæ  суверенитетæн  хъæддых  фарсхæцынад. НАТО-ы  парламентон  ассамблейы  уæнгтæ  фауынц   Уæрæсейы  æрдгæй   Гуырдзыстоны  территориты  оккупаци.

«Сидæм   НАТО-йы   уæнгтæм,   хаххгонщæй  банысан кæной   аспирант  бæстæты  уæнгсуæвыны   перспективæ.   Афтæма,   сæхимæ æруадзой  уæнгсуæвыны   критеритæ.  Адарддæр кæной   Гуырдзыстонæн  хъæддых   политикон  æмæ   практикон   æххуыс  ацы  бæстæйы НАТО-мæ  интеграцийы процессы  æмæ   размæ  ахæцой  Гуырдзыстоны  НАТО-ы  уæнгсуæвыны   процессы   политикъон аспкект. Афтæма  ноджы иу хатт бафауæт  Уæрæсейы æрдгæй  Хъырымы  æнæлегалон  анексий,  дестабилизаци  скæсæн Украинæйы.   Афтæдæр  Гуырдзыстоны  æмæ Украинæйы   территориты оккупаци.  Æмцæдисонтæ  хъуамæ  сбæлвырд кæной Гуырдзыстон æмæ Украинæйы  суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадæн æнæмæнг   фарсхæцынад» –  дзырдæуы   НАТО-йы  парламентон   ассамблейы   бæлвырд  документы.

Варшавæйы  уагъд сессийы  кæрон ист  документы  НАТО-йы  парламентон   ассамблей, Уæрæсейы   бауромыны  политикæ адарддæр кæнын æмæ   Мæскуыимæ  диалогы  химæ æруадзын  домы.