НАТО-ы Брюсселы саммитыл Гуыдзыстоны фарстæйыл фæуынаффæ кæндзысты
НАТО-йы Брюсселы саммитыл Гуырдзыстоны фарстайыл тæрхон кæндзысты – уый фæдыл дзырдæуы альянсы публикацигонд документы, кæцыйы мидæг æвдыст сты æркæсинаг фарстæтæ æмæ боны фæтк.
Сæрмагондæй та Гуырдзыстоны темæ Украинаимæ иумæ, бахауд НАТО-ы Брюсселы саммиты бонвæткы документы фæндзæм сæрмæ, кæцыйы номхуынд у «Support rules-based international order» æмæ уый мидæг дзырдæуы альянсы æрдгæй иумæйаг аргъдзинæдтæ кæцы бæстæтимæ ис уыдонимæ æмахаст фæарфдæр кæныны фæдыл.
«Хъуыддаг уагæвæрдыл бындурæвæрд æхсæнадæмон барады хъахъхъæдмæ куы баххæссы, бæстæтæ, цахæмдæр у Уæрæсе æмæ Китай, нæ разы кæнынц альянсы аргъдзинæдтимæ. Уыдон ацы бонвæткы ныхмæлæууды сты фыццаг хаххыл. Уый та æндавы æмцæдисон бæстæты æдадсзнадмæ, аргъдзинæдтæм æмæ царды демократон фæндæгтæм. Уый тыххæй цæмæй баззайа æнтыстджын æмæ сифтонг кæны евро-атлантикон тыгъдады хъахъхъæд æмæ æдасдзинад, æмцæдисонты æдасдзинадæн нысаниуæнгджын сферæты НАТО хъуамæ стыр роль сыххæст кæна уагæвæрдыл бындурæвæрд æхсæнадæмон сæрфад сфидар кæныны фæрцы. Уый æххæссы æхсæнадæмон аргъдзинæдтыл æмæ интересты æмхъæлæсонæй бахъахъхъæд. НАТО-2030 фæлгæтты, æмцæдисонтæ афтæдæр райсдзысты уынаффæтæ НАТО-имæ æмахаст фæарфдæры фарстæты, æввахс æмæ дард æмхъуыдыджын бæстæты æмæ æхсæнадæмон организаитимæ, уый нымæцы Азий-Сабыр Океанийы регионы» – фыст ис документы.