НАТО-йы паралментон ассамблеайы президент - 31-æм октябры гуырдзийаг адæм ноджы иу хатт сбæлвырд кодта демокартийы иузæрдæдзинад
НАТО-йы парламентон ассамблеайы президент -31-æм октябры гуырдзийаг адæм ноджы иу хатт сбæлвырд кодта демокартийы иузæрдæдзинад
Арфæ кæнын гуырдзийаг адæмæн, æнæкæсгæ пандемийы расидæнтæм æмæ рискътæм, ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой демокартийы иузæрдæдзинад, –ис фыст НАТО-йы парламентон ассамблеайы президент Атила Местерхазы фидиуæны, кæцы уый Гуырдызстоны 31-æм октябры уагъд парламентон æвзæрстыты фыццаг туры фæстæ цæугæ политикон цауты фæдыл сарæзта.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æппæтдунеон цæстдарджытæ, се æхсæн НАТО-йы парламентон асамблеайы делегаци, Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фыццаг турæн ратта аргъ, куыд конкурентон.
Ассамблейы президенты фидиуæны, æппæтдунеон цæстдарджыты æрдыгæй сбæлвырдгонд фиппаинæгтыл тыхстдзинад расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, куыд æвзарæнон кампанийы рæстæджы, афтæ дæр æвзæрстыты бон рабæрæггонд фиппаинæгтæ негативонæй смыхуыр сты æвзарæнон процессыл.
НАТО-йы парламентон ассамблея йæ фарсыл хæцы Гуырдзыстоны демокартийæн æмæ евроатлантикон интеграцийæн. Демокарти, куыд НАТО, афтæ дæр НАТО-йы парламентон ассамблеайы фундаменталон принцип у», – ис фыст НАТО-йы парламентон ассамблеайы президенты фидиуæны, кæцы официалон веб-фарсыл рапарахат ис.