НАТО-йы коммюникæ – Сидæм Уæрæсемæ, фæстæмæ ахона Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты хæдбар падзахадтыл банымад, баурома æнæзаконон æрцахстытæ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты æфхæрд
Брюсселы НАТО-ы саммиты фæстæ публикацигонд хатдзæгон документы разагъд у Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын.
Уыимæ иумæ документы банысангонд у цæмæй альянс сиды Уæрæсемæ, фæстæмæ ахона Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты хæдбар падзахадтыл банымад, сыххæст кæна æхсты фæурæды фæдыл бадзырд.
«Йе фарс хæцæм Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Æхсæнадмæмон хæстæм æмбæлгæйæ, сидæм Уæрæсемæ, ракæна йæ æфсæддæ, кæцытæ дислоциргонд сты æртæдæр бæстæйы уыдонæй æвварстæй.
Сидæм Уæрæсемæ фæстæмæ ахона Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты хæдбар падзахадтыл банымад, сыххæст кæна Евроцæдисы медиацийæ 2008 азы къухбафыст æхсты фæурæды фæдыл бадзырд, кæрон скæна ацы регионты милитаризаци æмæ ацы регионты иннæ Гуырдзыстонæй фæхицæн кæныны тыхархайд, кæцыйы Уæрæсе дарддæр кæны арæны хуызæн барьертæ аразыны фæндагæй. Афтæма, сидæм Уæрæсемæ, ныууадза адæймæгты барты халын, æнæзаконон æрцахстытæ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты æфхæрд. Ноджы иу хатт æвдисæм нæ хъæддых фарсхæцын Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæн» – дзырдæуы НАТО-йы коммюникæйы.