NATO –йы æфсæддон комитеты  рабадтыл  фæуынаффæ кæндзысты Гуырдзыстоны фарсты фæдыл
NATO –йы æфсæддон комитеты рабадтыл фæуынаффæ кæндзысты Гуырдзыстоны фарсты фæдыл

NATO –йы æфсæддон комитеты  рабадт  16-17 январы  сырæздзæн Брюсселы.

Фембæлды   альянсы уæнг  бæстæты  æфсæддон  сæргълæуджытимæ иумæ  хайад райсдзысты   партнер бæстæты, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы   минæвæрттæ дæр.

NATO –йы веб-фарсыл   публикацигонд   пресс-релизы куыд  дзырдæуы афтæмæй,    рабадтæн къухдариуæг кæндзæн   æфсæддон комитеты  сæрдар, генерал  Петр Павел.

«Фембæлдыл  каст æрцæудзæн   альянсы   хуссар флангыл  уæвæг сидтытæ.  Æфсæддон хистæртæ  «Хъæддых фарсхæцыны»  миссийы   партнертимæ иумæ  Афгъанистаны  миссийы фæдыл фæуынаффæ кæндзысты.   Гуырдзыстонимæ  æмæ Украинæимæ  бадзырдтæ  фокусиргонд уыдзæн    æдадсзинады æрдгæй  уавæрыл,   хъаххъæнынады сферæйы реформæтыл æмæ  фидæны плæнттыл» –   дзырдæуы  пресс-релизы.

Фидиуæны  афтæдæр банысангонд у,  цæмæй   Гуырдзыстоны минæвæрттимæ  фембæлдыл,  хъахъхъæнынады  сферæйы  реформæты æрдгæй   прогрессæн  скæндзысты аргъ  æмæ а.х. архайадон   пакеты  мидæныл  фæныхас кæндзысты.

NATO –йы æфсæддон комитет, æфсæддон сæргълæуджыты  æмвæзадыл,   афæдз мидæг  дыууæ хатты  Брюсселы   æрмбырд вæййы, цæмæй  альянсы   операциты æмæ  мисситыл  æруынаффæ кæна.