Натия Турнава ресторанон индустрийы бæрнонтыл фембæлд
Экономикайы министр Натия Турнава ресторанон индустрийы, се æхсæн уазæг-фысымы секторы инициативон къорды бæрнонтыл фембæлд. Фембæлдыл индустрийы æндæр æмæ æндæр ассоциацитæ – рестораторты ассоциаци, гастрономийы ассоциаци, гастрономион туризмы бизнесасоциаци æмæ 30-онг рестораны бæрнон иста хайад.
Экономикайы министрады информацимæ гæсгæ, фембæлдыл каст уыдысты уыцы расидæнтæ æмæ æркуырдтæ, кæцыты сектор хæссы. Ноджы иу хатт уыд хаххгонд хицауады антикризисон планы цыппæрæм этапы фæлгæтты ресторанон индустриайæн мулкъы фидинагæй æссæрибар 2021 æм азы æхсæз мæйы мидæг.
Минитсры ныхасм æгæсгæ, сæйраг æркуырд у, цæмæй ресторантæ максималонæй бацархайой кусджыты ныууадзын сæ куыстон бынæттыл æмæ æнæкæсгæ уымæ, цæмæй тынг уæззау период у ресторанон бизнес архайы кусджыты сæ куыстон бынæттыл ныууадзын.