Натия Турнава IMD-ы бæрноныл фембæлд
Националон банкъы президенты хæсты æххæстгæнæг хицаудзинадыл размæцыды æппæтдуноен институты бæрнон Артуро Брисыл фембæлд, кæцы «дунейы конкуренцийы индекс» парахат кæны.
Националон банкъы информацимæ гæсгæ, фембæлдыл бакастысты фидæн æмкуыстдзинады перспективатæ æмæ уыцы фадаттæ, кæцытæ Гуырдзыстоны индексы басты фæстиуæг æрхæсдзæн.
Фембæлдыл бахахх кодтой, цæмæй институты интерес Гуырдзыстонæй, æппæтдунеон аренайыл, бæстæйы раст позици æмæ æндæр авторитетон рейтингты размæцæугæ позициты бацахсты фæдыл цæуы уагъд. Ног рейтингы Гуырдзыстоны инфраструктурон, институционалон æмæ экономикон тыгъдадæн уыдзæн лæвæрд аргъ.
Рымысын уын кæндзыстæм, цæмæй 75 азы размæ бындурæвæрд (IMD) «дунейы конкуренцийы индекс» æндæр æмæ æндæр критеритæм гæсгæ алы аз парахат кæны.