Натиа Турнава – премьер-министры инициативæ фæахъаз уыдзæн ныллæг инфляцион уавæр бахъахъхъæнынæн æмæ æргъты стабилондзинадæн
Натиа Турнава – премьер-министры инициативæ фæахъаз уыдзæн ныллæг инфляцион уавæр бахъахъхъæнынæн æмæ æргъты стабилондзинадæн

Гуырдзыстоны премьер-министры инициативæ иттæг нысаниуæгджын у. Уырны мæ, цæмæй ацы инициативæ æмæ ахæм типы мониторинг æнæмæнгæй ахъаз кæндзæн бæстæйы ныллæг инфляцион уавæры дарддæры бахъахъхъæнынæн æмæ æргъты фылдæр стабилондзинад сифтонг кæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны Националон Банкъы президент Натиа Турнава, Фыццаг Къаналы алæвæрд «Бизнес-партнер»-ы премьер-министры расидæнæн дзуапп дæтгæйæ.

Йæ аргълæвæрдмæ гæсгæ, снысангонд инициативæ здæхт у фылдæр æргомдзинадмæ, фылдæр логистикæ æмæ превенцийы æрдæм, цæмæй рæстадон конкуренцийы уавæртæ ма  æрцæуой хæлд æмæ пайдагæнджыты  интерестæ хуыздæр хъахъхъæд æрцæуой.

«Бæстæйы æргъты стабилондзинад бахъахъхъæнын у Националон банкъы хæ, уый тыххæй махæн ис конкретон беркет, æмæ уый у процентон ставкæ. Ацы хъуыддагæй къухдариуæг кæнгæйæ, мах архайæм инфляцийыл æндавын æмæ инфляцийы нысаны алыварс дарын астæуккаг периоды. Уырны нæ, ацы инициативæ нысаниуæгджын хайбавæрд кæй бахæсдзæн инфляцийы æнхъарæнтæ хуыздæр æххæст кæнынæн æмæ ныллæг инфляцион уавæр бахъахъхъæнынæн» – зæгъы уый. Натиа Турнава.