Натиа Мезвришвили – ЦÆК, прокуратурæ, тæрхондон архайынц бæлвырдгæнæнтæ организгондæй скуынæг кæныныл
Натиа Мезвришвили – ЦÆК, прокуратурæ, тæрхондон архайынц бæлвырдгæнæнтæ организгондæй скуынæг кæныныл

ЦÆК, прокуратурæ æмæ тæрхондон архайынц ахсджиаг бæлвырдгæнæнты скуынæг кæнын организгондæй – уый фæдыл парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» уæнг Мезвришвили Натиа расидтис.

Мезвришвили куыд банысан кодта афтæмæй, прокуратурæйæн ницы интерес ис объективон фæдагуырдмæ.

«Прокуратурæ сбæлвырд кодта, цы дзырдтам, уый, цæмæй æвзарæнон фæлитойдзинады алкæмæй нысаниуæгджын бæлвырдгæнæнтæ – сбæлвырдгонд æвзарджыты номхыгъд æмæ хъæлæсгæнæн аппаратты уæвæг информаци, уацары райста. ЦÆК, прокуратурæ æмæ тæрхондон организацигондæй архайынц ахсджиаг бæлвырдгæнæнтæ скуынæг кæныныл. Æндæр номæй ницы ис зæгъæн бæлвырдгæнæнтæ 17 боны дæргъы æмбæхсынæн æмæ уый фæстæ ЦÆК-ы бардзырдмæ гæсгæ сæ прокуратурæйы æрдыгæй адавдæн, кæцы нырма ницы уæззау æвзарæнон фыдракæнд нæ раиртæста. Ацы бæлвырдгæнæнтæн сæ бон у сбæлвырд кæнын кæнæ сæрты ахизын æвзæрстыты сайд æмæ тагъд рæстæджы политикон кризисæн кæрон скæнын. Куыддæр æй 29-æм октябры æрдомдтам, афтæ прокуратурæ, ЦÆК-ы хæслæвæрдмæ гæсгæ, 30-æм октябры райдыдта мæнг фæдагуырд. Æмæ куыддæр 1-æм ноябры тæрхондонмæ бахастам бæлвырдгæнæнты тагъд бахъахъхъæныны курдиатимæ, афтæ 1-æм ноябры прокуратурæ байста бæлвырдгæнæнтæ ЦÆК-ы. Тæрхондон хъастмæ æркæсыныл не сразы ис, бæлвырдгæнæнтæ прокуратурæ кæй райста, уыцы аххосагæй.

Прокуратурæйы æрдыгæй уагъд фæдагуырды квалификацитæ æмæ мировой тæрхонгæнæджы æрфарсты рæстæджы лæвæрд фарстытæ ирдæй бæлвырд кæнынц, цæмæй прокуратурæйæн ницы интерес ис æвзæрстыты системон сайд объективонæй сбæрæг кæнынмæ. «Мечта»-йы нысан у сбæлвырд кæнын, æвзæрстытæ йæ коммæгæс институттæй — ЦÆК, Прокуратурæ æмæ Тæрхондонæй пайда кæнгæйæ фальсификаци кæй не ‘рцыдысты, æмæ уыцы хуызы архайын мæнг легитимондзинад райсыныл. Алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй ацы бæлвырдгæнæнты скуынæг кæныны бафæлвæрд суа фаг бындур, цæмæй фальсифициргонд æвзæрстытæ æнæлегитимоныл банымайæм», -расидтис Мезвришвили Натиа.