Наталия Сабанадзе – Евроцæдисимæ диалогы ног уæллаг формат, кæцыйыл Гуырдзыстоны хизы, тынг нысаниуæгджын у
Наталия Сабанадзе – Евроцæдисимæ диалогы ног уæллаг формат, кæцыйыл Гуырдзыстоны хизы, тынг нысаниуæгджын у

Наталия Сабанадзе – Евроцæдисимæ диалогы ног уæллаг формат, кæцыйыл Гуырдзыстоны хизы, тынг нысаниуæгджын у

Цы нысан кæны Евроцæдисимæ диалогы ног уæллаг формат, кæцымæ Гуырдызстон хизы æмæ кæцымæ цæттæдзинад райдыдта – фыццаг рабадт ног форматæй 2018-æм азы ноябры сырæздзæн. Фембæлды арæзты рæстæгыл фыццаг раисдæн Тбилисы, майы уæвæг Еврокамисы президент Гуырдызстоны президентимæ фембæлды фæстæ сарæзта.

«Радон къахдзæф Евроцæдис æмæ Гуырдызстоны æммахастыты фæарфдæры æмæ æрбаввахсы къуымæй у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг нысаниуæгджын къахдзæф у. Уыдзæн ног формат. Уый уыдзæн ассоцирдзинады советæй ноджы бæрзонд формат. Хицауадты æхсæн фембæлд.

Афæдзы иу хатт æрымбырд уыдзæн Еврокамис, комиссартæ æмæ ацы фембæлдæн къухдариуæг кæндзæн комисы президент Жан Клод Юнкер. Мах æрдыгæй фембæлды хайад райсдзысты хицауады бæрнонтæ, министртæ æмæ фембæлдзæн къухдариуæг кæндзæн Гуырдызстоны премьер-минситр. Фембæлды сæйраг нысан у конкретон планы сарæзт Гуырдызстоны –  Евроцæдисы стандарттæм æрбаввахс.

Евроцæдис стыр аргъæ кæны Гуырдзыстоны хицауады къахдзæфтæ. Ацы этапыл ис уавæртæ, кæцытæ политикон интеграцийы хъыгдарынц, фæлæ уый у  цæттæдзинад, уымæ цæмæй искуы уыцы уавæртæ фæивдзысты æмæ мах хъуамæ уæм цæттæ» – расидтис  Гуырдызстоны минæвар Наталия Сабанадзе.