«Националон  Змæлды»  уæнг Гиорги Киртадзе -  Фидисгæнæг  къæлидорты фæдыл  пълан  йæ тыхы ис,  протест уыдзæн алы  фадыгыл
«Националон Змæлды» уæнг Гиорги Киртадзе - Фидисгæнæг къæлидорты фæдыл пълан йæ тыхы ис, протест уыдзæн алы фадыгыл

Фидисгæнæг  къæлидорты фæдыл   пълан йæ тыхы  ис,  алы  фадыгыл  уыдзæн протест, уæдмæ  цалынмæ  хуымæтæг  æмбæстæгтæм нæ  бандавдзæн, –  уый фæдыл  «Националон Змæлды»   уæнг  Гиорги Киртадзе  фехъусын  кодта  брифингыл.

Киртадзе куыд дзуры,  афтæмæй,   фæнысангонд  фарстыл   æндæр партитимæ  сын  ноджы  уыдзæн консультацитæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæн фидисгæнæг  къæлидортæ, алы фадыгыл  уыдзысты   фарсхæцджытæ  æмæ спротест кæндзысты   фальсифициргонд  æвзæрстытæ.   Æмбæстæгтæн  райхалдзысты цы æрцыд, фæлæ  къæлилдортæ араздзыстæм  æмбæстæгтæн нæ фæлæ, сæйраг фальсификацигæнджытæн, Рижавадзейæн, ПÆК-ы, æвзарæнон администрацийы  минæвæрттæн», –  райхъусын кодта   Гиорги Киртадзе.