«Националон Змæлды» Тбилисы организациты сæрдæрттæ Леван Хабеишвилийæ йæ куыстуæгъд домынц
«Иугонд Националон Змæлды» Тбилисы организацийы сæрдæрттæ иумæйаг фидиуæн аразынц.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, æнæмæнгхъæугæ у партийы куыст ногæй райдайын æмæ æххæстæй ахиза уæвæтк режиммæ.
«Хъыгагæн фæстаг 10 мæйы мидæг партийы сæрдар Леван Хабеишвилийы æмæ архайæг менеджменты æрдгæй арызт уыд рæнхъ æнæраст къахдзæфтæ, кæцы нæ уыд партийы иудзинады æмæ йæ стынг кæнынæн бæзгæ, æмæ кæцы партийы расидтис уæззау политикон кризис. Æрбаввахсгонд 2024 азы скуыддзаггæнæг парламентон æвзæрстыты размæ, уырыссаг режимы ныхмæ тох кæннæн æмæ иугонд тыхтæй архайынн, куыд рæстæгмæ мадзал, æнæмæнгхъæугæйыл нымайæм партийы æрцæуа ивддзинæдтæ æмæ парти ахиза уæлвæтк режиммæ. Сæрмгаондæй: æнæаргъæвгæйæ суæгъд кæнæнт йæхи йæ куыст бынатæй партийы сæрдар Леван Хабеишвили, урæд æрцæуæд æххæстбартæ æнæдемократон уагæй арызт политикон советæн æм сырæзæд уынаффæтæ исæг хицаугæнæг орган а.х. «разыдзинады совет» ( нæ дзырдæуы консультацион советыл) кæцыйы æххæстбарты фæлгæтты баиу уыдзæн партийы архайæг политсоветы, нымæрдарады æмæ сæрдары æххæстбартæ. 2. «Разыдзинады совет» скоплект ууæд паритетон принципæй, кæцы алы нысаниуæгджын уынаффæ рахæсдзæн бæрзонд легитимацийæ. 3. Æввахс периоды ацæуæд партийы æмбырд, кæцыйыл сфидар уыдзæн «совет» æмæ æмбæлгæ ивддзинæдтæ ууыдзæн хаст партийы уагæвæрдмæ, куыд рæстæгмæ мадзал, 2024 азы парламентон æвзæрстытæ хынцгæйæ» – дзырдæуы фидиуæны.
Бæрæгдзырдæн 28 ноябры цалдæр районы сакреблоты «Националон Змæлды» фракцийы уæнгтæ ахæлиу кодтой фидиуæнтæ, кæцыты мидæг партийы сæрдары бынатæй Леван Хабеишвилийы куыстуæгъд домынц.