Националон Змæлды сæ хъæуы рæстæг Шарль Мишелы ног документы тыххæй позици сбæрæг кæнынæн
Абоны документ у бæрæг хайæ фæхуыздæр уымæ абаргæйæ цæуылдæр ныхас уыдис фæстаг бадзырдты раундыл, политахæсттæм гæсгæ бирæ дырысдæр амæлттæ сты бавдыст се ссæрибар кæнынæн æмæ æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты темæ дæр фæбæрæг ис документы- уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Саломэ Самадашвили райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Националон Змæлды» Шарль Мишелы бавдыст ног документыл тæрхон кæнынц.
Саломэ Самадашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ ацы эатып л зынæмбарæн у, хъавы æви нæ Гуырдзиаг Бæллицц документ бафыссын.
«Цæмæн нæ фæзындис абон «Гуырдзиаг Бæллиццæй» бадзырдтæм исчи, мæнæн уый зынæмбарæн у. Ацы фарстыл дзуапп нæм нæй, уый тыххæй бадзырдыл абон ницы зæгъын у нæ бон, уымæн æмæ бæрæг нæу «Гуырдзиаг Бæллиццы» ахаст бавдыст документмæ» – райхъусын кота Самадашвили.
Абон публикацигонд æрцыд Европаг Советы президент шарль Мишелы ног документ, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны уæвæг политикон кризисы ифтыгъд суадзын. Иуæй-иу пунктæй, уыцы цауы, кæд æмæ бынæттон æвзæрстытыл Гуырдзиаг Бæллицц, пропорцион æвзæрстыты рæстæджы нæ рымбырд кæндзæн хъæлæсты 43%, бæстæйы уæлрадон парламентон æвзæрстытæ снысан уыдзæн.