«Националон Змæлды» минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй партийы консултант  Бен Малетæн, Гуырдзыстоны арæныл, бæстæмæ æрбахизыны бар нæ раттой
«Националон Змæлды» минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй партийы консултант Бен Малетæн, Гуырдзыстоны арæныл, бæстæмæ æрбахизыны бар нæ раттой

«Националон  Змæлды» минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй  партийы консультант, Британийы  æмбæстаг Бен Малеты Гуырдзыстонмæ не рбауагъдтой.

Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты уыдысты «Националон Змæлды» сæрдар  Леван Хабеишвили, партийы  генералон нымæрдар  Петре Цискаришвили, регионон  нымæрдар Гиорги Ботковели. Уыдон  дзуапп домттой, цæмæй цæмæн  не рбауагъдтой  Гуырдзыстонмæ сæ консультанты.

«Националон Змæлды» минæвæртты хъусинагæй,  не рбауадзыны æфсонæн документы  бавдыст у  уый, цæмæй Малет  «Малет, Гуырдзыстоны закъондæттынадмæ æмбæлгæ  æндæр доментæм не мбæлы».

«Цалдæр боны размæ ам уыдис, атахтис æмæ абон фæстæмæ æздæхтис, фæлæ  йæ не рбауагъдтой, уымæн æмæ нæ офисмæ  дарынц цæст. Махмæ  дарынц сæ цæст.  Федтой ацы  адæймаг иу махмæ кæй куыста,  уый.  Уырыссæгтæ нæ æмбæстагы куы марынц, ууыл нæ мæт кæнынц.  Фæлæ  адæттыл тыхсынц, цæмæй Британийы  æмбæстаг, кæцы «Националон Змæлды» æмæ «Стратегиа Агъмашенебелийы»  консультант  у, ма рбауадзой бæстæмæ. «Уырыссаг Оцнебайæн» мæ  фæнды зæгъын, Бен не рцæудзæн? Æндæр консултант уыдзæн. Британийæ дарддæр, нын  баххуыс уыдзысты  æндæр бæстæйы æмбæстæгтæ дæр ауадздзысты нын консультацитæ.  Тæрсынц  Биздина  Иванишвили æмæ Лилуашвили,  кæцы куыд ыссара милуантæ,  ууыл мæт кæны, ахæм  хæстæ æххæст кæны», –  райхъусын кодта Леван Хабеишвили.