«Националон змæлды» фидиуæнмæ гæсгæ, партийы централон офисыл бабырст сыххæст
«Националон змæлды» фидиуæнмæ гæсгæ, партийы централон офисыл бабырст сыххæст

«Националон змæлды» фидиуæнмæ гæсгæ, партийы централон офисыл бабырст сыххæст.

«Иванишвилийы уырыссаг режим, «Иугонд Националон змæлды» офисмæ бабырстой.

Вандалон бабырст æрдæг сахатæй фылдæр рæстæг адаргъ ис, кæцыйы хайад, сæдæйы онг уæнг иста. Зиан баййæфта офисы фасад, ныппырх кодтой æвджытæ, инвентарь.

Уый у агонийы уæвæг хицауады дзуапп «Иугонд националон змæлды» Гуырдзыстоны интересты бахъахъхъæд æмæ гуырдзиаг адæмы фарсмæ лæудæн. Иванишвилийы режимы паникон архайдтытæ æмæ организгонд тыхми, тагъд, гуырдзиаг адæмы фæндонæй, æнæмнæгæй йæ кæронмæ бацæудзæн! Гуырдзыстон, Уæрæсе никуы уыдзæн! Иванишвилийы режим тагъд фæуыдзæн!» -ис фыст фидиуæны.

Партийы сæрдар Леван Хабеишвили социалон хызы сиды, цæмæй офисыл бабырст полици æмæ ПÆК-ы иумæйаг организгонд уыд.

«Полици иу сахаты фæстæ æрбацыд. Знон сыххæст кодтой бабырстытæ æмæ абон офисы бирæ адæймаг уыд. Æз дæр уым уыдтæн мæ 14 аздзыд сыввæллонимæ. Дуртимæ æрбабырстой 30-40 адæймаг офисмæ. Адæм камератыл дæр зынынц. Хъавыдысты офисмæ æрбахызт æмæ физикон æрылхъывд сыххæст кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ рауад», – расидтис Хабеишвили.