«Националон Змæлды» фарсхæцджытæ Тбилисы мæ  регионтæй рацыдысты
«Националон Змæлды» фарсхæцджытæ Тбилисы мæ регионтæй рацыдысты

«Националон Змæлды» фарсхæцджытæ  абон  плангонд акцийы   хайад райсынæн, Ачарайæ  æмæ  Гуриайæ  организацигондæй æрцæудзысты.  Уыдон Шекветилийы, «Блек СИ Аренæйы»  цур æрымбырд сты.   Сæ сæйраг æркуырд у, раздæры президент  Михеил Саакашвилийы  ссæрибар кæнын.

«Сæрибардзинад Михеил Саакашвилийæн, кæцы абон у юбилæр. Арфæ йын кæнын  гуырæнбон.  Хъыгагæн,  йæ  гуырæнбоныл æмбæлы  ахæстоны.  Фæцæуæм абон  плангонд акцимæ,  иу кæнæм  солидарондзинады нысанæн  æмæ  Михеил Саакашвилийы  ссæрибар кæныны æркуырдæй.

Разы стæм, цæмæй  Мишайы  ахæстоны бадын, «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ Уæрæсейæ дарддæр   æхсызгон никæмæн у.  Миша хъуамæ уа  ацы  бæстæйы  рæзынады раззаг планыл. Уый тагъдрацæудзæн   ахæстонæй.  Цъус нæ  боныгъæд  фæкуылымпы кодта, фæлæ  Ачъарайы регионæй   бирæтæ  уыдзыстæм уæддæр.  Зæгъæн ис, 2000-ы онг адæймаг фæцæуæм Ачъарайæ», – райхъусын кодта «Националон Змæлды» уæнг  Бондо  Тедорадзе.