«Уардиты Революцийы» 18-æм азы сæрмæ гæсгæ, «№Националон Змæлды» уæнгæ, Сæрибары фæзæй Республикæйы фæзыл онг удæгас рæхысы акци ауагъдтой.
«Националон Змæлды» уæнг Заал Удумашвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, абон зæгъгæ сегасдæр уæззау фенинаг у уый, цæмæй «Уардиты Революцийы» сæйраг автор æмæ сфæлдисæг ахæстоны бады.
«Ай у растдæр ацы хицауаджы сегасдæр стыр фдыракæнд, кæцы иумæ хъуамæ сраст кæнæм. Алкæмæн бакой кæндзынæн, цæмæй кæд абон нæ бон у истæмæй сæрыстыр уæм, кæд мым ахæм исты бæстæйы баззад, у растдæр уыцы ивддзинæдты байзæддаг, кæцы æрхаста Уардиты Революци. Алкæцы æмбæстагы хæс у, цæмæй бæстæ та фæстæмæ уыцы фæндагыл слæууын кæнæм, кæцы хуыйны рæзынад æмæ размæцыд» – загъта Удумашвили.
Уыимæ иму «националон Змæлды» уæнг Хатиа Деканоидзе куыд банысан кодта, афтæмæй, зæгъгæ абоны бон у эмоцион, уымæн æмæ Михеил Саакашвили ахæстоны ис.
Къоба Хабази та райхъусын кодта, цæмæй проетст æмæ акцитæ дарддæр кæндзысты уæдмæ цалынмæ, бæстæ нæ рыздæхдзæн рæзынады фæндагмæ.