«Националон  Змæлд»   Кутаисы  æвзарæнон кампани райдыдта
«Националон Змæлд» Кутаисы æвзарæнон кампани райдыдта

«Иугонд Националон Змæлд»-ы сæрдар  Иугонд оппозицийы –  «Тых  Иудзинады исы»  Кутаисы  мажоритартæм кандидат  Григол Вашадзе æмæ   Кутаисы  мертæм   кандидат  Гига Шушаниа   Кутаисы   æвзæрстгæнджытимæ фембæлдысты.

Кандидаттæ  бынæттонтæн   æвзæрстгæнæн   программæ  æмæ  Кутаисы  рæзынады  сæрмагонд  цæстæнгас  базонын кодтой.  Афтæдæр   фæныхас кодтой Кутаисæн   парламентон  сæйраг горæты   статус  ныууадзыны  нысаниуæгыл.

«Абоны фембæлд  гæнæн ис банымайын  иугонд   оппозицийы  æмæ   «Игонд Националон Змæлды»  разæвзарæнон  кампани райдайæнæй Кутаисы.  Мах куы  фембæлæм   адæмимæ,  уæд нæ ноджы иу хатт  бауырны,  цæмæй  ахæм зындзинад   Кутаисы  никуы  уыдис. Ахæм  рохуатуагъд Кутаис  никуы  уыд.   Кутаисæгты æхсæн  ис  ахæм ахаст, цæмæй   афтæ адарддæр кæнын  гæнæн  нæй æмæ  Кутаисæн  æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ æрыздахæм функци,  горæт райдайа  рæзын», –  райхъусын кодта  Гига Шушаниа.

Фæнысангонд фембæлдæй парти Кутаисы 2020 азы  æвзарæнон  кампани  райдыдта.