«Националон Змæлд» хайад нал райсдзæн  парламентон куысты
«Националон Змæлд» хайад нал райсдзæн парламентон куысты

«Иугонд националон Змæлд»  рахаста уынаффæ  æмæ ракци нал райсдзæн хайад   парламентон куысты, кæцы йæ хъуыдыйы  дары, ома нал дæр пленарон рабадты,  нал дæр комитетты   хъусынмæ бацæуын æмæ  хайад райсын нал хъавæм, цыфæнды парламентон   форматы – уый фæдыл  «Националон Змæлды» уæнг   Леван Бежашвили  парламенты лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Леван Бежашвили  куыд банысан кодта афтæмæй,  фракци æмæ парти  адарддæр кæндзысты   консультацитæ  мандаттæ  ныууадзыны  фæдыл.

Йе мбарынгæнæнмæ   гæсгæйæ,    тæрхондоны  уынафæ Михеил Саакашвилийы  ахсты ныууадзыны  фæдыл, бæлвырд æвдисы  цæмæй тæрхондон  фестад политикон маст исыны  инструментæй.

«Фракци æмæ парти адарддæр кæндзæн   консультацитæ протесты  ноджы уæззау дæр формæты  фæдыл, дзырдæуы  мандаттæ  ныууадзыныл. Консультацитæ  нын уыдзæн нæ европаг партнертимæ  парламентон æмæ æддæ  оппозицион  партиты  минæвæрттимæ.  Цæй зæгъын æй хъæуы   политикон уавæрмæ гæсгæйæ,  нæ  фракцийæ рахастам уынаффæ, ацы  æрдгæй   протесты ноджы карздæр формæтæй  архайыны фæдыл.

Ныр афон у  смæсты уæм,  афон у  протест кæнæм, афон у   тохмæ  рахизæм.  Сидын алкæмæ, абон 17:00 сахатыл, хицауады  канцелярийы  цур æрымбырд уæм  æмæ  хицауадæн равдисæм нæ тых» –   райхъусын кодта Бежашвили.