«Националон Змæлд»  фæдагурæг органтæй, Шовы трагедийы фæдыл бæрзонд политикон  гæсты фыдгæнæгон æдзæллагдзиадыл фæдагуырд райдайын домы
«Националон Змæлд» фæдагурæг органтæй, Шовы трагедийы фæдыл бæрзонд политикон гæсты фыдгæнæгон æдзæллагдзиадыл фæдагуырд райдайын домы

«Националон Змæлд» фæдагурæг органмæ  сиды,  Шовы  трагедийы  фæдыл хъуыддагмæ фыдгæнæгон уæлæнгай ахасты тыххæй,  бæрзонд политикон   гæсты,  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы, МХ министр  Вахтанг Гомелаурийы  æмæ Экономикæйы  министр  Леван Давиташвилийы архæйдтытыл  фæдагуырд райдайынмæ.      Шоввы  айтынггонд  процесстыл   пресс-конференци Леван Хабеишвили, Гиорги Вашадзе, Лаша Парулава æмæ Паата Манджгаладзе  ауагъдтой.

Хабеишвили  банысан кодта, цæмæй  Шовы трагеди  «Картули Оцнебайы»  фыдгæнæгон æнархайды,  хъуыддагмæ уæлæнгай  ахасты æмæ коррупцион   интересты фæстиуæг у. Сæйраг фыдгæнæг  та   у премьер-министр.  Йæ  дзырдæй, зæгъгæ айтынггонд   процессты  сæйраг   фыдгæнæг  афтæдæр  у  МХ министр Вахтанг Гомелаури, кæцыйы бардзырдæй  хардмæтæхæг  ирвæзынгæнæн мадзал 22:00  сахатыл   баурæдта, цæй тыххæй  дæр агурæн-ирвæзынгæнæн  мадзал  æнæхъæнæй  фæкъуыхцы ис.

«Фæдагурæг оргæнтæ хъуамæ  райдайæт  фæдагуырд  уæлдæрбанысангонд бæрхонд политикон   гæсты  фыдгæнæгон æдзæллагдзинады  тыххæй, науæд та, се рдгæй  фыдракæнды басусæг  кæнын дæр уыдзæн фидæны   фæдагуырды  нысан, бæстæйы  хæдбар  фæдæвзарæг системæ куы  уыдзæн,  уæд», –  банысан кодтой «Националон Змæлды» уæнгтæ.