«Националон демократион институт» разæвзарæнон бюлетень парахат кæны
«Националон демократион институт» разæвзарæнон бюлетень парахат кæны
Документ бындурæвæрд у аст æппæтдунеон эксперттæй сконд къорды анализыл, кæцытæ Гуырдзыстоны уæвæг æххуысгæнджыты æххуысæй, æвзарæнон администрацийы куыст, разæвзарæнон кампани, политикайы гендерон æмбарад æмæ чысыл бæрцæй æвдыст къордты бастдзинад, меди, дезинформаци æмæ æвзарæнон процесстыл “Ковид-19” ахадындзинад дары йæ зæрдыл.
«Æвдæм октябры æрбадæтæгтæм гæсгæ, ЦÆК 72 бынæттон цæстдарæг къорд срегистрир кодта. Баст фарсытæ позитивон аргъ дæттынц цæстдарæг тыгъдадæн, фæлæ бирæ сиды, цæмæй иуæй-иу къорд, кæцы хъуамæ рæстадон æмæ объективон уа, æндæр æмæ æндæр партитимæ у баст», – ис фыст документы.
Документы хъусдард у цырынгонд ЦÆК-ы архайдтытæ кодексыл, кæцыйы 40 – онг парти æрфыста йæ къух.
Бюлетены позитивонæй у аргълæвæрд партиты æвзарæнон программæты куыст æмæ социалон хызты апарахат.