«Националон демократион институт» дыгкаг æвзарæнон бюлетентæ парахат кæны
«Националон демократион институт» дыгкаг æвзарæнон бюлетентæ парахат кæны
Документы ис фыст, цæмæй «Гуырдызстоны медия тыгъдад регионы иуæй иу алкæмæй сæрибар æмæ бирæхуызон у, фæлæ поларизаци фылдæр ис, кæцы гæнæн ис æмбæстæгты информирдзинадыл ахадындзинад араза».
Афтæ дæр ис фыст, цæмæй NDI- ы 2019-æм азы декабры æхсæнадон хъуыдыйы рафарсты фæстиуджытæм гæсгæ, респондентты 69 % расидтис, цæмæй ног хабæрттæ телевизорæй исынц.
«Фæстаг цалдæр къуырийы мидæг, традицион меди (телеуыныад, радио æмæ газеттæ» политикон партиты хайадистæй националон æмæ бынæттон дебаттæ æмæ ралæвæрдтæ арæзтой.Фæлæ медийы бирæ бæрнонтæ сидынц, цæмæй дебатты «Гуырдзийаг бæллицы» хайадист зын уыд, æнæкæсгæ уымæ æмæ ГБ æхсæнадон уацхæссæгы 15-æм октябры арæзт дебатты райста хайад, куыд националон , афтæ дæр регионалон медиафæрæзты фылдæры хай, уæлдай дæр та уыдон, кæцытæ опозицион кæнæ хицауады æрдæм критиконæй нымайынц –сидынц, цææмй хицаугæнæг парти йæхи бахызта сæ ралæвæрдты хайадистæй» -ис фыст хаццæгы.
Документы ис лæвæрд рекомендацитæ дæр:
Гуырдзыстоны националон комуникациты комис, централон æвзарæнон комисиимæ координацийæ.
Уагæврдты фæхуыздæрæн æмæ медийы
Медиафæрæзтæ æмæ журналисттæ, этикамæ гæсгæ легитимон фнкциты сыххæсты æмæ барты реализаци фадат хъуамæ уа лæвæрд
Кампанийы баззайгæ бонты партитæ къаддæр æвдыст къордтæн нысаниугæджын фарстаты æрбиноныг конкретон фæндæгтæ æмæ деталтæ хъуамæ бавдисой.
Политикон партитæ æмæ кандидаттæ хъуамæ сæхи бахизой уыцы темæтæй куыд сты ( Къарабыха конфликт).
Политикон партитæ кампаниты гомофобион лексикæйы спайдаы ныхмæ меморандумыл хъуамæ æрфыссой сæ къух.