Националон банкъы резервтæ историон максимуммæ баххæсыдысты
Националон банкъы резервтæ историон максимуммæ баххæсыдысты

 

Националон банкъы резервтæ историон максимуммæ баххæсыдысты

2018-æм азы 31-æм декабры уавæрæй, официалон резервон активты бæрц 3 миллиард 289 милуан доллар сты, кæцы ивгъуыд мæймæ абаргæйæ 201 милуанæй фылдæр у.

Банкъы фæсарæйнаг валютайы резервтæ æртæ миллиард 089 милуан доллар сты, хæсты специалон барты нымæц та 200 милуан доллар у.

Æппæтдунеон валютон фонды критеритæй, Гуырдзыстоны валютон резервтæ, афтæ хуынæг адекватон минималон уагмæ абаргæйæ ныллæг æвдисæгыл  сты, уымæ гæсгæ, Националон банкъ фæсарæйнаг валютайы æлхæд æххæст кæны. 2017-2018 азты банкъ 327 милуан доллар балхæдта.