Гуырдзыстоны Националон Банк сиды цæрджытæм, сæрмагонд арæхсгæйæ æмæ хъусдардæй арахайой ахæм компанитимæ, кæцытæ сын æнхъарынц сæрмагонд суммæты нывæрын бæрзонд рискъы хæссæг финансон инструментты. Уый фæдыл дзырдæуы, ГНБ-ы публикацигонд фидиуæны. НационалонБанчы фидиуæнæй, фæнысангонд æххæссы уыцы компанитæм дæр, кæцытæ цæрджытæн æнхъарынц электронон валютон базартыл (FOREX)-ыл сæрмагонд хца бавæрд æмæ фæсарæйнаг валютæйæ базар кæнын.
«Ахæм компанитæ гæнæн ис æмбæстæгты рæдыды бафтауыны нысанæй, организацийы номхуынды пайда кæной терминтæй «финансон» «Брокерон» «Инвестицион» æмæ а.д. кæцы автоматонæй нæ нæсына кæны уый æмæ ацы компани уа финансон секторы лицензиргонд минæвар æмæ Националон Банкъы барлæвæрдæй архайæг.
Гуырдзыстоны закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ аюх. FOREX платформæйыл базаргæнæг организацитæ, ацы этапыл Националон банкъы регуляциты дæлбар не сты.
Цыфæнды уæнгы бар у, райса скуыддзаг сæрмагонд хцайæ афтæ пайда кæны йæхи куыд æрфæндздзæн. Фæлæ фдæнмæ инвестиргонд суммæты фесафыны рискъæй хибахизыны нысанæй, ноджы иу хатт сидæм цæрджытæм, суммæты инвестирдзинады рæстæджы, райсой æрмæстдæр æмбаргæ æмæ информиргонд скуыддзаг» – дзырдæуы Националон Банчы фидиуæны.