Национ Банк - дезинформаци у цæвиттон Национ Банк нæ фидар кæны арæнæвæрдтæ санкциргондтæм хауæг финансон институттæн, уый у хæсты æмæ агрессийы хай, кæцы абон Украинайы цæуы
Гуырдзыстоны Национ Банкы фидиуæнæй, зæгъгæ дезинформаци у цæвиттон Национ Банк нæ фидар кæны арæнæвæрдтæ санкциргондтæм хауæг финансон институттæн.
Афтæма сæ куырдиатæй, уый у гæдыдзинад æмæ уыцы стыр хæсты агрессийы хай, кæцы абон Украинайы цæуы.
Национ Банкы хъусын кæнынц, цæмæй æхсæнадæмон резолюцитæй бæрæг стандарттæм æмбæлгæйæ архайынц.
«Æндæр æмæ æндæр уырыссаг каналты ахæлиу ис дезинформаци, цæвиттон национ банк нæ фидар кæны тобæтæ санкциргондтæм хауæг финансон институттæн. Уый у мæнг æмæ уыцы хæсты æмæ агрессийы хай, кæцы абон Украинайы цæуы.
Хаххгондæй хъусын кæнæм,ц æмæй Национ банк архайы æхсæнадæмон резолюцитæй бæрæг стандарттæм æмбæлгæйæ æмæ йæ къух нæ ацараздзæн ацы санкциты иувæрсты цыдæн. Мах куыд кæцыфæнды банкон системæйы цæтсдарынады нысан у, банкы фæлхасгæнджыты интерестæ хъахъхъæнын æмæ нæ архæйдтыты нысан у æрмæстдæр уый.
Абон æппæт Гуырдзыстон украинаг адæмы фарсмæ куы лæууы æмæ æххуыс кæны демократон аргъдзинæдтæн сæ рæстаг тохы, нысаниуæгджын у, ма раттæм фадат дезинформацийы æмæ мæнг хъусинæгты хæлиукæнынадæн. Национ Банк жтапгай уын базонын кæндзæн информаци гуырдзиаг финансон секторы цæугæ фæзындты фæдыл» – дзырдæуы Гуырдзыстоны Национ Банкы фидиуæны.