Муртаз Къикъория ныфс дары, цæмæй фидæн азæй, микрофинансон организациты регулирдзинад сырæздзæн
Муртаз Къикъория ныфс дары, цæмæй фидæн азæй, микрофинансон организациты регулирдзинад сырæздзæн

Гуырдзыстоны националон банкъы вице-президент, Муртаз Къикъориайы расидæнмæ гæсгæ,  азы райдайæнæй, уæд кæд æмæ  ног регуляцитæ скусдзысты, онлайн кредитты фæдыл ситуаци рараст уыдзæн. Къикъориайы ныхасмæ гæсгæ, финансон сектор стыр проблемæ хæссы æхсæнадæн. «Мах райстам, азы райдайæны регуляцитæ, кæцытæ смыхуыр сты ацы секторыл, фæлæ ныр ис инициативæ парламентмæ æвдыст, кæцымæ гæсгæ, микрофинансон организациты регуляци сыххæст уа. Регистрацийæ райдайгæйæ, ликвидацийы онг. Ацы организацитæ бахаудзысты националон банкы регуляцийы фæлгæтты, куыд уый æххæст кæны коммерцион банкты цауы. Законыпроект азы кæронмæ сбæлвырд кæндзысты» -расидтис Националон банкъы вице-президент Муртаз Къикъория.