Мтацъминдайыл, уагъд  цæуы  парти  «Гуырдзиаг  Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» æмбырд - [фото]
Мтацъминдайыл, уагъд цæуы парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» æмбырд - [фото]

Мтацъминдайыл, клуб  «Андервилы»  парти  «Гуырдзиаг  Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны»   фæндзæм  æмбырд цæуы.

Фыццаг Къаналы  журналист куыд хъусын кæны афтæмæй,   æмбырдмæ бацыдысты  хицауады  уæнгтæ,   премьер-министр Гиорги Квирикашвили,   Парламенты   сæрдар Ираклий Къобахидзе, сæйраг сахары мэр Каха Каладзе,  парламенты  уæнгтæ æмæ  дипломативон корпусы   минæвæрттæ.  Æмбырдмæ  Бидзин Иванишвили цъус фæстæдæр  баиу уыдзæн.

Æмбырд  нырма æхкæд форматы  цæуы,  17:00 сахатæй та,   официалон   хайы  трансляци райдайдзæн.

Æмбырдыл  партийы   сæрдарæй  Бидзина  Иванишвилийы  сывзардзысты.   Афтæма,  æвзæрст æрцæудзæн  партийы   ног политсовет.

Æмбырды  делегатты  æмæ хуынд  уазджыты раз  дзырдæй ралæудзысты апремьер-министр  Гиорги Квирикашвили  æмæ партийы  инæларон  нымæрдар, Тбилисы мэр Каха Каладзе.

Æмбырды   кæрон  делегатты раз  дзырдæй ралæудзæн   парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны»  бындурæвæрæг  Бидзина  Иванишвили.