Молдовæ гуырдзиаг адæмæн солидарондзинад сиды. Бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Молдовæ хъæддых æнцой дары Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
«Æфсæддон агресси, Гурдзыстоны ныхмæ 2008 азы, у æхсæнадæмон закъондæттынады гуырымыхъхъ хæлд. Сæрмагондæй та тыхон методтæй иннæ паддзахады мидæг хъуыддæгтæм хи фæкæнын. Тыхæй спайда кæнын бæстæты æхсæн æмахасты. ИНО-йы уæнг бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады халын æнæруадзгæ у. Æфсæддон интервенцийы амæттаг ссис бирæ гуырдзиаг, Гуырдзыстон бавзæрста материалон æмæ территорион зиан» – дзырдæуы Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады публикацигонд фидиуæны.
Молдовæйы хицæауад хъусын кæны, цæмæй кæддæриддæр фауы æндæр бæстæйы мидæг хъуыддæгтæм хитъыссыны фактытæ æмæ йæ фарс хæцы æмбарджын партнерадæн.
«Алы падзахад цыт хъуамæ кæна æндæр бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн» – хъусын кæнынц Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады.