Махæн тынг зын у ацы хабар рапарахат кæнын, кæцы æнæхъæн Фыццаг Къаналы æмæ æрмæст нæ каналы кусджыты нæ фæхъыг кодта. Информацион программæ «Моамбейы»-йы журналист Гиорги Коберидзе йæ цардæй ахицæн.
Гиоргий Коберидзе фыццаг къаналы фæстаг аст азы дæргъы кусы æмæ бирæ цаутæ æвдисæг сюжеттæ бацæттæ кодта. Куыд йæ дæсныйадыл æнувыд адæймаг, афтæ стыр бæрндзинадимæ æвдыста ахсджиаг цаутæ куыд Гуырдзыстоны, афтæ фæсарæнты дæр.
Фыццаг канал йæ арф маст æвдисы æмæ æмзæрдæ у Гиоргийы бинонтæн, хæлæрттæн æмæ коллегæтæн.