Млетайы хъæуы цур, Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæйнон-ауадзæн пунктимæ иугæнæг фæндагыл уæзласæн автомобилты колоннæ лæууы.
Шофырты йах куыд хъусын кæны афтæмæй, уыдонæн нæу бæрæг кæд бауыдзæн сæ бон Уæрæсемæ уаргъ нылласын. Сæ ныхæстæм гæсгæ, шофырты хай, автомобильтæй фæцæйласынц тагъдсæфгæ продукттæ, уый тыххæй сын къæрмæджы стыр рæстæгæй лæуды тыххæй гæнæн ис се продукт бамбийа кæцы компанийæн стыр зиан æрхæсдзæн.
Æфтиæгты куысты бамбарын кодтой, цæмæй туристон сезоныл Уæрæсейаг фарсмæ бæлццæтты ауадзыныл уагæвæрд у лимит.
Уагдоны хъусинагæй, приоритетон сты туристтæ æмæ рог автотранспорт, æрмæст кæд æхсæв-боны мидæг иууыл цъс 400 трайлер уæддæр ауадзиккой, уæд рæнхъ нæ сырæзтаит.
«180-йæ фылдæр трайлеры нæ уадзынц, æмæ ам та 400 уæддæр хъуамæ уадзиккой цæмæй къæрмæг ма сæвзæра. Тынг бирæйæ лæууынц Сомихыстонимæ арæны цур æмæ уым æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ, кæд рахизой» – хъусын кæынынц æфтиæгты куысты.
Афтæма æфтиæгты куысты куыд райхъусын кодтой, ацы минутты зæгъгæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 700-йы онг уæзласæн машинæ.
«Фæлæ ныр гæнæн ис цъус фылдæр ныфсдæттæг прогноз саразын уымæн æмæ, æнæхъæн æхсæвы дæргъы таможнæ æнæбауромгæйæ куыста æмæ уагътой рог автомобильтæ.
Бантыстис стыр бæрцæй рог автомобильты ауадзын æмæ гæнæн ссис лимиты цъус фæуæлдайдæр кæнын. Афтæмæй æхсæвы дæргъы ауагътой зæгъæн ис 250-ы онг уæзласæн автомобилы, кæцыйы тыххæй рæнхъ фæкъаддæр ис, фæлæ уымæн цææй ауадзæн пунктыл рæнхъытæ æппын ма сæвзæрой, минимум 400 уæзласæн машинæ хъуамæ ауадзой»- Райхъусын кодтой æфтиæгты куысты.
Бынатыл патрул кæны патрулон полицийы экипаж.