МХМ – махæн ис аххосæгтæ уырнынæн, цæмæй цыфæнды æмбырд, кæцы уагъд æрцæудзæн абон æмæ æввахс бонты, у зноны бафæлвæрды адарддæр æмæ райсдзыстæм æмбæлон мадзæлттæ
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад абон æмæ æввахс бонты райсдзæн æмбæлон мадзæлттæ закъонхалджыты ныхмæ рабæрæг æмæ æххæст кæнынæн – уый фæдыл мидхъуыдтæгты министрады расидæны ис фыст.
«Æхсæнадæн куыд зындгонд у, афтæмæй знон уагъд æрцыд æмбырд, кæцыйы расидтгонд нысан уыд хицауады ныппырх кæнын.Æмбырд тагъд рæстæджы райста æнæзакъонон характер, цæй фæстæ дæр Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад райста пропорцион мадзæлттæ иууыл бæрзонддæр юридикон стандарттæм гæсгæ закъоны хъахъæд сифтонг кæнынæн.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад абон æмæ æввахс бонты райсдзæн æмбæлон мадзæлттæ фæткхалджыты рабæрæг кæнынæн æмæ сæ ныхмæ закъон сыххæст кæнынæн.
Фæлæ знон цы цаутæ сырæзт, уыдонмæ гæсгæ махæн ис бындур уырнынæн, цæмæй абон æмæ æввахс бонты уагъдцæуæг цыфæнды æмбырд дæр у зноны бафæлвæрды адарддæр, æмæ райсдзыстæм æмбæлон мадзæлттæ, цæмæй æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинадæн тас ма æрцæуа.
Сидæм алкæмæ дæр, цæмæй нымадмæ райсой ацы уавæр æмæ сæхи бауромой ахæм архайдтытæй, кæцытæ гæнæн ис æмæ лæггад кæной сæ ныхмæ юридикон мадзæлттæ райсыны бындурæн», — дзырдæуы МХМ-ы фидиуæны.